Æз дæн Таболты Алисæ.
Ирыстоны стырдæр мыггæгтæй иу у Таболты мыггаг. Ацы мыггагæй дæн æз дæр. Таболты мыггаг цардысты Уæллаг Мызуры. Æрвадиуæг кæнынц Мæрзойтæ, Габолатæ æмæ Зæнджиатимæ . Царды уавæртæ æвзæр кæй уыдысты хæхбæсты , уымæ гæсгæ ралыгъдысты быдырмæ.
Цæрынц Ирыстоны алы хъæуты æмæ горæтты. Црауы хъæумæ ралыгъдысты мæ фыдæлтæ дæр. Мæ фыды фыды фыд Беба хæрз æрыгонæй ацыдис Финляндийы хæстмæ, уый фæстæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ.
Сыздæхтис бирæ хæрзиуджытимæ.
Ацы къамы мæ баба ис йæ хæстон æмбæлттимæ Уæлахизы бæрæгбон.
Мæ бабайы æфсымæр Зелимхан куыста Мæскуыйы милицæйы
капитанæй. Æбæрæгæй фесæфт Фыдыбæстæйы стыр хæсты.
Иннæ æфсымæр, Иван дæр хæсты фæцис йæ фыццаг бонæй кæронмæ.
Бахауд Ленинграды блокадæйы. Сыздæхт бирæ хæрзиуджытимæ.
Ацы къамы сты мæ уарзон бинонтæ.
Мæ фыды фыд Славик бирæ азты фæкуыста шофырæй.
Мæ нана Валя кусы сывæллæтты рæвдауæндоны.
Мæ фыд Хъазбег кусы уæзласæн машинæйыл, мæ мад Ларисæ та у парикмахер. Ис мын гыццыл æфсымæр Георгий.
Таболты мыггаджы ис бирæ зындгонд лæгтæ.
Таболты Солтан фæкуыста Црауы скъолайы директорæй,уый фæстæ Алагиры районы исполкомы хицауы хæдивæгæй.
Таболты Ладемыр у республикæйы хицауады бæрнон кусæг.
Таболты Махар бирæ азты фæкуыста Алагиры горисполкомы хицауæй.
Фæзминаг уыдис Таболты Солтанбег, кæцы фæкуыста Ирыстоны хицауады бæрнон бынæтты. Хъыгагæн не ‘хсæн нал ис.
Бирæ хъарм ныхæстæ зæгъæн ис Солтанбеджы тыххæй.Уый стыр æвæрæн бахаста Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстон лымæнæй цæмæй цæрой. Йæ бинойнаг Иринæ бирæ азты кусы радио æмæ телеуынынады. Йæ фырт Сергей кусы нæ республикæйы хицауады сæрдар хадивæгæй .
Таболты Георгий кусы завод «Контакторы» хицауæй.
Таболты мыггаджы уыдис 137 азы чи фæцард ахæм лæг- Бимболат.
Уый уыди Ирыстоны фыццагдæр архиепископтæй иу. Йæ 137 азмæ йын æртиссæдз азæй фылдæр ниччи лæвæрдта. Уыцы карæнæй иу уый архайдта бæхты дугъы,цыдис хъæдмæ. Йæ дæндæгтæ иууылдæр уыдысты æнæхъæн, æмæ хорз уыдта йæ цæстытæй. Никуы дымдта тамако æмæ никуы нызта карз нозт. Уый тыххæй 1914 азы фыста газет ˝Кавказ˝. Уыдис йын стыр бинонтæ, 57 адæймаджы.
Æз бирæ уарзын мæ мыггаг. Мæ зæрдæмæ дзы тынгдæр уый цæуы æмæ кæрæдзийы бирæ уарзынц,кæрæдзийæн аргъ кæнынц.
Фæнды мæ цæмæй нæ мыггаджы кад макуы фесæфа æмæ дзы кæддæриддæр уа разагъды лæгтæ.
Æз дæр мæ бон цас уа, уый бæрц архайдзынæн нæ мыггаджы кад фæуæлдæр кæныныл æмæ мæ радзырд фæуыдзынæн ахæм ныхæстæй:
Хистæрæн кæстæр куы дæтта æгъдау,
Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау.
Хистæрæн кæстæр куы райса йæ уаргъ
Кæстæрæн алкæм уыдзæни уæд аргъ.
Кæстæр куы фæрса йæ хистæры зондæй
Кæстæр уæд никæд фæрæдидзæн сонтæй.
Таболты Алисæ.
с. Црау, 2012 г.
Автор работы:
Таболова Алиса Казбековна,
ученица 4 класса (9 лет)
МКОУ СОШ с. Црау, Алагирский район.
Научный руководитель:
Черджиева Разета Гантеевна,
учитель начальных классов МКОУ СОШ с. Црау.
Работа получила диплом 3-й степени на VII Республиканском туристско–краеведческом конкурсе «Мой Иристон».