Бинонты кӕдӕй-уӕдӕй иумӕ кӕрдзын бахӕрынмӕ равдӕлд. Хӕдзары хицау Къоста, йе ‘фсин Мария цин кӕныиц сӕ дыууӕ сывӕллоныл. Уыдон дӕр иуран нал бадынц. Ӕз хуыздӕр азарыныл, ӕз хуыздӕр акафыныл ерысы бацыдысты. Цин кӕнынц ныййарджытӕ, хъӕлдзӕг сты Фатимӕ ӕмӕ Майӕ. Куы сӕ мады, куы сӕ фыды хъӕбысы сӕхи анордынц. Ацафон хъуамӕ фынӕй кӕной. Фӕлӕ сын ацы хатт хатыр у — ахӕм бӕрӕгбон сӕм стӕм хатт вӕййы. Ныййарджытӕ фылдӕр изӕрты сӕ куысты уӕлхъус баззайынц. Фӕлӕ уый та циу? Ӕваст фатеры дуар байгом. Ӕртӕ гӕрзифтонг ӕфсӕддоны лӕбурджытау уаты фӕмидӕг сты.
Сӕ иу барджын хъӕлӕсӕй бафарста:
— Ды — Таболты Къоста Басилы фырт дӕ?
— Ӕз. Исты хабар? Ацафон уӕ цы хур, цы къӕвда ӕрбахаста?
— Куыд адӕмы знаг, Советон хицауады ныхмӕ сыстад цæттæгӕнджыты къорды зынгӕ разамонӕг, афтӕ цӕуыс ахст. — бӕрзонд хӕрзхуыз лӕппулӕг йӕ ныхас фӕкарздӕр кодта.
Къоста фӕджих. Адӕмы знаг! Йӕ зӕрдӕйы ын исчи хъама куы атъыстаид, уӕддӕр ын афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ уыдаид.
— Сӕнттӕ цӕгъдут, ӕви? — нал фӕлӕууыд Мария. — Йӕ ӕрыгон бонтӕй нырмӕ Ленины партийы уӕнг, Советон хицаудзинад фидар кӕныныл тохгӕнӕг… Куыд уӕндут сымах?
— Мах ахӕм ныхӕстӕм хъусынмӕ не ‘вдӕлы. Цом, Таболыфырт!
Къоста йӕ цӕст ахаста сывӕллӕттыл, хъӕддых у, зӕгъгӕ, Гаджионмӕ йӕ сӕрӕй ацамыдта. Рацыд дыууӕ мӕйы.
— Ды — Гаджиты Мария Асланы чызг? — бафарста барджын хъӕлӕс.
— Ӕз — Гаджиты Мария Асланы чызг. Цы рцыд?
— Ды, адӕмы знаджы бинойнаг, цӕуыс ахст. Цом. — Дыууӕ ӕфсӕддоны йӕ фӕйнӕварс ӕрлӕууыдысты.
Марияйы дзыхы ныхас нал ӕфтыд. Иӕ дыууӕ ӕнахъом чызджы йыл куы ныттыхстысты, куы ныккуыдтой, уӕд зӕнгты фӕдыдагъмӕ бирӕ нал хъуыд.
— Фӕтагъд кӕн, — иу ран ӕй нал уагътой ӕфсӕддонтӕ, — Бирӕ куыст иын ис.
Зӕрдӕ барызт: цы фӕуыдзысты йӕ чысыл хуртӕ? Сӕ хъысмӕт сын цавӕр фидӕн ӕрцӕттӕ кодта? Тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ма сӕ ныхъхъӕбыс кодта ӕмӕ фатерӕй рахызт. Асинтыл дӕлӕмӕ хизгӕйӕ йӕ хъустӕ ахстой сывӕллæтты зӕрдæхалӕн куыд ӕмӕ «мамӕ», «мамӕ». Цӕмӕй зыдта Мария, ӕмӕ ацы дзырд бирӕ азты кӕй нал фехъусдзӕн. Уый уыд 1937 азы, сентябры. Къостайы ӕрцахстæй дыууӕ мӕйы фӕстӕ. Бады Мария талынг ӕмӕ уазал ныггӕнды. Сӕры зилдух кӕнынц алыхуызон хъуыдытӕ. Цӕстытыл уайынц сӕрибар царды нывтӕ.
1937 азы сӕрды Н.И. Ежов Саратовы ӕрбалӕууыд. Горӕты фысымуаты не ‘рынцад, фӕлӕ йӕхи салон-вагоны, цӕстыгагуыйау ӕй хъахъхъӕдтой ӕфсӕддонтӕ. Радта бардзырд, цӕмӕй партион активы ӕмбырд арӕзт ӕрцӕуа завод «Комбайн»-ы клубы. Уый адӕмы дисы бафтыдта. Ӕмбырдтӕ ӕдзух цыдысты горӕты театры.
Н.И. Ежов дӕсны дзурӕг нӕ уыд. Йӕ ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕ нӕ агайдтой. Йӕ дзыхы хорз бафтыдысты дыууӕ дзырды: «Ут къӕрцхъус!». «Макӕуыл ӕууӕндут: нӕдӕр дӕ мадыл, нӕдӕр дӕ фыдыл, нӕдӕр дӕ лӕгыл, нӕдӕр дӕ усыл», — ахӕм уыд йӕ доклады сӕйраг мидис. Бадомдта, цӕмӕй фӕрсӕй-фарсмӕ бадджытӕ сӕ кӕрӕдзи партион билеттӕ сбӕрӕг кӕной.
Адӕм ӕмбырдӕй здӕхтысты уӕззау хъуыдытимӕ. Дарддæр кусын никӕй уал фӕндыд. Бирӕтӕ хъуыды кодтой: «Искӕуыл куы не ‘ууӕндай, уӕд афтӕмӕй цӕрӕн куыд ис». Ежовы ныхӕстӕй туг уазал кодта, тых саст. Мӕйы фӕстӕ Саратовы райдыдтой адӕмы ахсын.
Цалдӕр боны Марияйы нӕ хъыгдардтой. Никуыдӕм ӕм сидтысты. ницӕмӕй йӕ фарстой. Ӕрмӕст-иу ын мамӕлайы къӕбӕр авӕрдтой. Къуырийы фӕстӕ йӕ скодтой цавӕрдӕр хицауы кабинетмӕ. Стъолы фарсмӕ бадт ныллӕггомау саухил лӕг.
— Дӕ мой Советон хицаудзинады ныхмӕ сыстад кӕимӕ цӕттӕ кодта, уыдон нын ранымай.
— Цавӕр сыстад? Цытӕ йыл мысут?
— Мӕ размӕ цы гӕххӕттытӕ ис, уыдон афтӕ амонынц…
— Уыдон хахуыртӕ сты.
— Сӕнттӕ ма цӕгьд! Сӕ фылдӕр сӕ митыл басастысты. Таболы-фырты дӕр ӕрсӕтдзыстӕм.
— Уӕ къухы нӕ бафтдзӕн.
— Акӕнут ӕй фӕстӕмӕ ныггӕндмӕ! Кӕд ӕм уым хуыздӕр зонд ӕрцӕуид.
Бирӕ хӕттыты ма уыд ацы уаты. Слестгӕнджытӕн лӕвӕрдта иу дзуапп:
— Тугтӕ ма мысут. Советон хицаудзинадыл иузӕрдион у.
Марйя бадтис иунӕгӕй. Йӕ цотмӕ, Къостамӕ йӕ зӕрдӕ ӕхсайы. Нӕ, йӕ цардӕмбал нӕ фӕцуддзӕн, Ленины партийыл, йе ‘мкусджытыл гадзрахатӕй нӕ рацӕудзӕн, зындзинӕдтӕн бафæраздзӕн.
Революционеры зын ӕмӕ тӕссаг фӕндагыл Таболты Къоста ныллӕууыд хӕрз ӕрыгонӕй. Йӕ хистӕр ӕфсымӕр Георги 1917 азы сси большевикон партийы уӕнг. Тӕссаг 1919 азы сарӕзта бастдзинад сусӕгӕй кусӕг Алагиры партион организациимӕ. Уыцы аз мартъийы ӕвддӕсаздзыд Къоста сси Советон хицаудзинадыл зæрдиаг тохгӕнӕг, бацыд партийы рæнхъытæм.
1920 азы июны арӕзт ӕрцыд Владикавказы зылды фӕскомцӕдисы комитет. Ирыстоны коммунисттӕ фӕсивӕды ‘хсӕн кусынмӕ арвыстой фӕлтӕрдджын партионты. Къоста ӕвзӕрст ӕрцыд зылды парти ӕмӕ фӕскомцӕдисы комитеты уӕнгӕй. Ӕрцыд йӕ райгуырӕн Алагирмӕ фӕскомцӕдисы чыртӕ аразынмӕ. «Фӕсивӕд тынг ӕууӕндыдысты Къостайыл ӕмӕ йын йӕ ныхасӕн стыр аргъ кодтой. Йӕ руаджы Алагиры фӕскомцӕдисонтӕ бирӕ хорз хъӕппӕристӕ равдыстой», — фыста йӕ мысинӕгты партийы уӕнг 1920 азӕй Тыджыты Ислам.
Рӕстӕг тахт дугъон бӕхау. 1920 азы декабры Цӕгат Кавказӕй Мӕскуымӕ ӕрцыд фӕсивӕды къорд Свердловы номыл коммунистон университеты курсыты ахуыр кӕнынмӕ. Уыдон ӕхсӕн йе гъдауӕй, йӕ зонындзинӕдтӕй 6ӕрӕг дардта Таболты Къоста. Зӕрдӕргъӕвд лӕппуйыл ахуыргӕнджытӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой. Чысыл фӕстӕдӕр уыдон фӕндонмӕ гӕсгӕ ивд ӕрцыд Хурыскӕсӕны фӕллойгӕнджыты коммунистон университетмӕ. Зын уыд Къостайӕн ахуыр кӕнын. Ноджы йӕ равзӕрстой университеты партион организацийы секретарӕй. Уыцыиу рӕстӕг разамынд лӕвӕрдта ирӕтты-ӕмзӕххонты къордӕн. Нӕ зыдта уӕгъд рӕстӕг. Лӕмбынӕг ахуыр кодта Марксы, Энгельсы, Ленины фӕллӕйттӕ, большевикон партийы съездты документтӕ. Мӕскуыйы промышленнон куыстуӕтты кӕсы лекцитӕ, докладтӕ. Йӕ цӕст дары ӕмзӕххонты ахуырмӕ, сӕ царды уавӕртӕм, ӕгъдаумӕ. Парторганизацийӕн разамынд дӕтгӕйӕ, стыр зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй ӕмзондӕй, лымӕнӕй цӕрой алы адӕмыхӕттыты минӕвӕрттӕ.
Советон адӕм ӕмхуызонӕй бавнӕлдтой бӕстӕйы хӕдзарад йӕ къӕхтыл слӕууын кӕнынмӕ. Хъуыдис дӕсны партион къордтӕ. Уыдон та бынӕтты нӕ фаг кодтой. Таболы-фыртмӕ фӕстӕмӕ фӕсидт партийы Хӕххон республикӕйы обком. Къоста фыццаг куыста обкомы пропагандӕ ӕмӕ агитацийы сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хӕххон республикӕйы сӕйраг политикон-рухсадон управленийы сӕрдары хӕдивӕгӕй. Фӕстӕдӕр ӕй сфидар кодтой ӔК(б)П-йы Владикавказы горкомы пропагандӕ ӕмӕ агитацийы хайады сӕргълӕууӕгӕй. Иу бон дӕр ӕнцад нӕ бадти.
Фӕстӕдӕр Къоста ахуыр кодта Мӕскуыйы Сырх профессурӕйы институты, 1929 азы йӕ Серго Орджоникидзейы курдиатмӕ гӕсгӕ ӕрбарвыстой кусӕг-зӕхкусӕг инспекцийы Центрон контролон комитетмӕ. Уым разамынд лӕвӕрдта национ фарстайы иу къамисӕн. Бирӕ фарстатӕ йӕ хъуыдис лыг кӕнын.
Уыцы рӕстӕг сӕрттывта Таболы-фырты журналисты, публицисты курдиат. Национ фарстатыл йӕ фӕллӕйттӕ къорд азты мыхуыры цыдысты журналтӕ «Большевик», «Советский Юг», «Революция и горец», газеттӕ «Правдӕ» ӕмӕ «Комсомольская правдӕ»-йы. Адӕмты хӕлардзинад, адӕмты иудзинад — уӕлахизты гуырæн, — ахæм у статьяты сæйраг хъуыды.
Хъӕууон хӕдзарад ног домӕнтӕм гӕсгӕ рацарӕзты рӕстӕг Таболы-фырт уыдис партийы Фӕскавказы крайкомы газет «Заря Востока»-йы бӕрнон редактор. Фӕстӕдӕр — Астӕуккаг Азийы уӕлдӕр коммунистон скьолайы ректор. 1931 азӕй 1934 азмӕ куыста бӕрнон бынаты—ӔК(б)П-йы Центрон Комнтеты культурӕйы хайады газетты секторы сӕргълӕууӕгӕй.
Фӕлӕ Къоста йӕхиуыл нӕ фервӕссыд. Куыд хуымӕтӕг уыд, афтӕ хуымӕтӕгӕй баззад. Арӕх ӕмбӕлдис журналисттимӕ ӕмӕ полиграфисттимӕ. Арӕзта мадзӕлттӕ газетты хуыз ӕмӕ мидис фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Йӕ бынат тынг бӕрнон уыд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ бӕрзонд кӕныныл нӕ ауӕрды.
1934 аз. Казахстан. Таболы-фырт ӕвзӕрст ӕрцыд партийы Алма-Атайы обкомы фыццаг секретарӕй. Равзӕрстой йӕ ӔК(б)П-йы XVII съездмӕ делегатӕй. «1934 — 1935 азты Казахстаны сӕвзӕрд тынг зын уавӕр. Хур зӕххыл атылд. Хуымты фылдӕр хай басыгъд. Адӕм ӕййӕфтой ӕххормаг. Хорз ма хъуыды кӕнын партийы Казахстаны крайкомы бюройы ӕмбырд. Уым Мӕскуымӕ балцы ӕмӕ Сталинимӕ ныхасы фӕдыл доклад скодта партийы Казахстаны крайкомы секретарь Леон Мирзоян. Мирзоян бамбарын кодта Сталинӕн уавӕр ӕмӕ куырдта паддзахадон ӕххуыс крайӕн. Мах ныддис кодтам, Мирзоян нын куы радзырдта Сталины ныхӕстӕ: «Сымах сахуыр стут искӕуыл уӕ зӕрдӕ дарын. Ӕххуыс уын нӕ уыдзӕн…», — ныффысдзӕн фӕстӕдӕр Гаджиты Мария.
Бюройы скодтой организацион хатдзӕгтӕ Казахстаны крайы разамонджытӕй бирӕты систой сӕ бынæттӕй. Таболты Къостайы та аивтой Саратовмӕ. Ам ӕвзӕрст ӕрцыд горӕты партийы Октябры райкомы фыццаг секретарӕй ӕмӕ ӔК(б)П-йы Саратовы крайкомы бюройы уӕнгтӕм кандидатӕй Къоста нӕ зоны фӕлладуадзӕн бон, уӕгъд рӕстӕг. Йӕ куысты бынат — заводтӕ, фабриктӕ, куыстадон коллективтӕ, партион комитеттӕ. Йӕ уӕлӕ хуымӕтӕджы хӕдон, ӕфсӕддон цинел. Бирӕ мулк, бирӕ дзаумӕттӕ, райдзаст уӕрӕх цӕрӕнуӕттӕм никуы бӕллыд. Ӕмӕ йӕ схуыдтой «адӕмы знаг».
Хӕххон республикæйӕ Хурыскӕсӕйнаг фӕллойгӕнджыты коммунистон университетмӕ ахуыр кӕнынмӕ ӕрвыст къорды уыдис Гаджиты Мария дӕр. Ссӕдзаздзыд чызг уый размӕ йӕхи тынг ӕвзыгъдӕй равдыста ӕхсӕнадон куысты. Уыд Кутаисы марксистон къорды ахуырдзау, иуцасдӕр акуыста ревкомы секретарӕй. Фӕстӕдӕр рацыд Цӕгат Ирыстонмӕ. Ам дӕр нӕ ныууагъта йӕ политикон архайд. Ныр йе ‘мхуызон ӕмбӕлттимӕ ӕрлӕууыд йӕ зонындзинӕдтӕ бӕрзонд кӕныныл. Университеты парторганизацийы секретарь Таболты Къоста ам базонгӕ Марияимæ. Фӕстӕдӕр Гаджиты чызг ивд ӕрцыд коммунистон хъомылады Академимæ. Ам студентты размӕ арӕх ныхас кодтой Н.К. Крупская, М.И. Ульянова, А.В. Луначарский, А.М. Коллонтай, партийы ӕндӕр зындгонд архайджытæ, социалистон культурæйы раззагдӕр кусджытӕ.
Йӕ цардцӕрӕнбонты Мария йӕ зӕрдыл бадардта Н.К. Крупскаяйы рухс сурӕт. Надеждӕ Константины чызг Академийы каст лекцитӕ политикон-рухсадон куысты теори ӕмӕ практикӕйы фарстаты фӕдыл. Каст хуымӕтӕг, зӕрдӕмӕ арф хизӕг ныхӕстӕй. Маряйы дипломон куыст «Мӕскуыйы губернийы Димитровы уезды политикон-рухсадон куысты рӕзты пълан»-ы разамонӕг дӕр Н.К. Крупская уыд. Коммунистон хъомылады Академи каст фӕуыны фӕстӕ, Марияйы йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ партийы Центтрон Комитет арвыста Хуссар Ирыстонмӕ. Ам разамынд лӕвӕрдта облӕсты политикон-рухсадон кусӕндӕттӕн. 1928 азы фӕззӕджы йӕ Советты съезд сфидар кодта Хуссар Ирыстоны рухсады адӕмон комиссарӕй.
Уыцы рӕстӕг сылгоймаджы адӕмон комиссарӕй снысан кӕнын уыд диссаджы хъуыддаг. Бирӕ газеттӕ, уыдонимӕ «Правдӕ», ныффыстой уый тыххӕй. Мария ахӕм бӕрнон бынат бацахсыныл разы нӕ кодта: «Ӕз ацы куысты ницы бакӕндзынӕн», — дзырдта партийы обкомы фыццаг секретарь Дзаттиаты Алыксандрӕн. «Ма тӕрс, баххуыс дын кӕндзыстӕм». — уыд йӕ дзуапп. Ӕмӕ йӕ Алыксандр йӕ фӕсайдта. Кодта йын ӕххуыс.
Адӕмон рухсады комиссарадмӕ скъолатӕй фӕстӕмӕ хаудысты клубтӕ, кусӕндӕттӕ, кино. Гаджион йе ‘мбæлттимæ архайдта уыдон куыст ног домӕнтӕм гӕсгӕ рацаразыныл, фӕллойгӕнджыты хъомылады артдзӕсттӕ саразыныл. Адӕмон комиссар уӕвгӕйӕ, Гаджиты Мария бирӕ фыдӕбон бакодта коллективон хӕдзарӕдтæ аразыныл дӕр. Хъӕуты цӕрджытӕн лӕмбынӕг ӕмбарын кодта Ленины кооперативон пълан. Хохӕгтӕ тынг хъуыстой сӕхирдыгон ахуыргонд сылгоймагмӕ. Тынг ыл ӕууӕндыдысты. Зыдтой, иу туг, иу стӕг кӕимӕ у, уыдон мӕгуыр зӕхкусӕджы чызг галиумӕ нӕ сардаудзӕн. Уӕлдай ӕхсызгонӕй йыл ӕмбӕлдысты сылгоймӕгтӕ, талынгӕй рухсмӕ тырнджытӕ.
Коллективон хӕдзарӕдтӕ аразыныл кусын Марияйы бахъуыд, Фӕскавказы крайкомы пропагандӕ ӕмӕ агитацнйы хайады инструктор куы сси, уӕд дӕр. Уӕдмӕ бинонтӕ сӕмбырд сты — Къоста каст фӕци сырх профессурӕйы инстиут, куыста газет «Заря Востока»-йы бӕрнон редакторæй. Дыууӕ ӕмбалы, дыууӕ ӕмзонды сӕ тыхтӕ, сӕ зонындзинӕдтӕ нӕ хӕлӕг кодтой социализмы сӕраппонд, адӕмӕн хъӕздыг, культурон цард саразыныл.
Фӕстӕдӕр Таболы фырт кусын райдыдта ӔК(б)П-йы ЦК-йы аппараты. Мария сси УСФСР-йы адӕмон рухсады комиссарады организацион хайады инспектор. Адӕмон комиссары хæдивӕг Н.К. Крупская стыр ӕхсызгонӕй сӕмбӕлд йӕ ахуырдзауыл. Амоны йын, ауды йыл.
Фӕстӕдӕр, Марксы—Энгельсы—Ленины ииституты наукон кусӕг уӕвгӕйӕ, Марияйы арӕх хъуыдис Н.К. Крупскаяйы ӕххуыс. Бирӕ бакуыста Мария Белоруссийы ӕмӕ Фӕскавказы республикӕты коммунистон партиты историйы тыххӕй ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕныныл.
Уӕдмӕ Таболыфырт ӕрвыст ӕрцыд Казахстанмӕ. Гаджионы уым сфидар кодтой партийы Казахстаны крайкомы хъӕууон хӕдзарады хайады инструкторӕй. Уыцы иу рӕстӕг уыд марксизм-ленинизмы курсыты разамонӕг. Ахуыр дзы кодтой райкомты секретартӕ ӕмӕ райӕххӕсткомты сӕрдартӕ.
…Бады ныр Гаджиты Мария талынг ахӕстоны. Цы фӕцис, цымӕ, Къоста, цы фесты йӕ дыууӕ хъӕбулы? Чи сӕм кæсы, чи сыл узӕлы? Цӕстытӕ ӕнӕнхъӕлӕджы донӕй айдзаг вӕййынц. Нӕ зыдта, сывӕллӕттӕ лагерты кӕй сты, сӕ фатер хӕлӕттаг кӕй фӕци. Ӕнӕ тӕрхон, ӕнӕ слестгондӕй йын йӕ бартӕ систой. Ӕрмӕстдӕр «адӕмы знаджы» ус кӕй у, уый тыххӕй. Иӕхи йын ницӕмӕй базылын кодтой. Карелийы лагертӕ… Хъӕдкалӕг ӕмæ фӕндӕгтӕ аразӕг. Ӕххормаг, бызгъуыртӕ дарӕс. Мӕлӕт йӕ фӕстӕ згъордта, фӕлӕ йӕ нӕ баййӕфта. Бӕргӕ фыста Сталинмӕ, Ежовмӕ, Бериямӕ. Уӕйыджы хъусы, дам, уад уайы. Иунӕг хатт дӕр нӕ райста дзуапп йӕ курдиӕттӕн.
Знаг ӕрбабырста нӕ Райгуырӕн бӕстӕмӕ. Советон адӕм хъӕддыхӕй ӕрлӕууыдысты йӕ ныхмӕ. Бӕргӕ фӕндыд Марияйы ӕмӕ йе ‘мбӕлтты хӕцӕнгӕрзтӕ райсын, фӕлӕ «адӕмы знӕгтӕм» ахӕм бар нӕ хауы. Дӕ хотых бел, фӕрӕт, хырх. Ӕрмӕст кус. Кус хур уа, къӕвда уа. Бӕрзондыл бадджытӕ лыстӕг «лӕсгæрты» фӕндӕттӕ хъуаг не сты. Хъуыды ма кӕн, дӕ бӕсты ис хъуыдыгӕнӕг…
Чысыл нӕ, аст азы фӕбадт Мария ахӕстӕтты. 1945 азы сентябры суӕгъд. Аст азы фæстӕ амбӕлд йӕ чызджытыл. Къостайы 1937 азы фӕстӕ ничиуал федта. Мария фӕстӕдӕр базыдта: амардтой йӕ Ежовы тугдзыхтæ. Цыдис ыл ӕрмӕстдӕр фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Кӕм ис йӕ ингæн? Кӕм ыл ныммарой кӕна? Кӕдӕм фӕхӕсса дидинджытӕ? Ничи радта дзуапп.
Хъуыдис цӕрын. Мария куы иу, куы иннӕ хицаумӕ бацӕуы. Ничи йыл бацин кӕны, иичи йын радты салам. Дуар ыл рахгӕнынц, куыстмӕ йӕ нӕ райсынц. Формалон ӕгъдауӕй Мария сӕрибар у. Фæлӕ цавӕр сӕрибар у уый, адӕм дӕм зулӕй куы кӕсой, «адӕмы знаг» дӕ куы хоной?
1949 азы Гаджиты Мария ныффыста Бериямӕ, цӕмӕй дзы сисой адӕмы знаджы бинойнаджы ном, зылынгонд кӕй не ‘рцыд, тæрхон ын кӕй не ‘скодтой, уый тыххӕй. Ӕртӕ къуырийы фӕстӕ йӕм фӕсидтысты мидхъуыддӕгты адӕмон комиссарады районы хайадмӕ (Мария ӕд цот цард Георгиевскы). Хайады кусӕг ын бакаст йӕ курдиат, стӕй йыл фӕтъӕлланг ласта: «Ды куыд бауӕндыдтӕ, цӕмӕй дӕ сраст кӕной, уый тыххӕй Бериямӕ ныффыссын? Чи дæ, уый дæ ферох?» Гаджионыл бон ӕрбаталынг, «Сфӕнд иу кодтон мӕхи амарын. Фӕлӕ мӕ ӕнамонд чызджыты дыккаг хатт сидзӕрӕй куыд ныууагътаин? Ӕнӕуи дӕр алыхуызон лагерты бирӕ хъизӕмӕрттӕ куы бавзæрстой», — фыста Мария йӕ мысинӕгты.
Уыцы уавӕрты Марияйы зондахаст нӕ фендӕрхуызон. Уый фыццаджы хуызӕн ӕууӕндыд Ленины партийыл. Зыдта: рӕстдзинад фӕуӕлахиз уыдзӕн. СЦКП-йы XX съезды фӕстӕ сраст кодтой Таболты Къостайы. Сраст ис Гаджиты Мария дӕр. Радтой йын партион билет. ССР Цӕдисы Министрты Совет ын 1957 азы 16 мартъийы снысан кодта персоналон пенси. Сау мигъты фӕстӕ йыл хур скаст, ӕрмӕст, хъарутӕ куы асастысты, уæд.
Мария фæстаг азты цард ӕмӕ куыста Пятигорскы. Кӕд йӕ ӕнӕниздзинад бынтон бӕллиццаг нӕ уыд, уӕддӕр активонӕй архайдта ӕхсӕнадон царды. Каст лекцитӕ, докладтӕ. Арӕх ӕмбӕлд фӕллойадон коллективтимӕ, ахуыргӕнджытимӕ, фӕсивӕдимӕ. Н.К. Крупскаяйы тыххӕй йӕ мысинӕгтӕ ныммыхуыр кодта Пятигорскы, Стъараполы, Ирыстоны, Хабаровскы газетты. 1975 азы «Политиздат» рауагъта Октябры революцийы, граждайнаг хӕсты, социалистон арӕзтады зынгӕ архайӕг сылгоймӕгты мысинӕгты чиныг «Без них мы не победили бы». Уым ис Гаджиты Марияйы стыр статья «Ирон чызг фӕндагыл». Талынгӕй рухсмӕ — ахӕм у цыбырӕй йӕ сӕйраг мидис.
Бирӕ бӕллицтӕ уыд Гаджионмӕ. Нӕ сӕ сæххӕст кодта. Фыдбонтӕ йыл ӕртыхстысты. Большевикон партийы иузæрдион чызг амард 1977 азы, йӕ мой Къостайӕ дыууиссӕдз азы фӕстӕдӕр. Йӕхи фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йӕ баныгӕдтой Алагиры.
Дыууӕ зынгзӕрдӕ коммунисты, Ленины большевикон ӕфсады хӕстонтӕ! Сӕ цардцӕрӕнбонты тох кодтой ууыл, цӕмӕй нӕ бӕстӕйы уа фылдӕр рухс, рӕстдзинад, демократи.
Рӕстӕг, дам, хорз дохтыр у. Ӕппӕт дӕр сӕвӕрдта йӕ бынаты. Гъе ‘рмӕст иу адӕймаджы культы рӕстӕг адӕмы зæрдæтыл цы хъӕдгӕмттӕ ныууагъта, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, тагъд нӕ байгас уыдзысты.
ХЪӔРДЖЫНТЫ Темырболат,
УСФСР-йы культурӕйы сгуыхт кусӕг.
Газет «Рæстдзинад» 24 апрель 1988 азы.