Рагæй зонын Таболты Иваны. Иу хъæуккæгтæ стæм.Црауы нымаддæр æмæ кадджындæр адæймæгтæй иу у. Зонын,Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр, уый фæстæ адæмон хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæныны дæр зæрдиагæй кæй архайтда, уый.
…Хæстон намысы фæндæгтæ! Куыд зын , куыд гуыргъахъхъ уыдыстут! Фæлæ советон адæймаг никуы фæтарст зындзинадтæй, кæддæриддæр архайдта уæлахиздзауай рацæ-уыныл.
Æмæ ахæм фæлварæн ссис нæ адæмæн Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Знаг нæ Райгуырæн бæстæмæ куы æрбалæбурдта, уæд црайуаг Таболты Симоны фырттæ Зелимхан, Барис æмæ Иван иу иннæйы фæдыл ацыдысты фыдызнаджы ныхмæ удуæлдай тохмæ. Хæсты быдыры никуы сæмбæлдысты кæрæдзиуыл æфсымæртæ, æрмæст иу искуы-иу хатт фыстой писмотæ. Читать далее Таболты Иван