Рагæй зонын Таболты Иваны. Иу хъæуккæгтæ стæм.Црауы нымаддæр æмæ кадджындæр адæймæгтæй иу у. Зонын,Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр, уый фæстæ адæмон хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæныны дæр зæрдиагæй кæй архайтда, уый.
…Хæстон намысы фæндæгтæ! Куыд зын , куыд гуыргъахъхъ уыдыстут! Фæлæ советон адæймаг никуы фæтарст зындзинадтæй, кæддæриддæр архайдта уæлахиздзауай рацæ-уыныл.
Æмæ ахæм фæлварæн ссис нæ адæмæн Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Знаг нæ Райгуырæн бæстæмæ куы æрбалæбурдта, уæд црайуаг Таболты Симоны фырттæ Зелимхан, Барис æмæ Иван иу иннæйы фæдыл ацыдысты фыдызнаджы ныхмæ удуæлдай тохмæ. Хæсты быдыры никуы сæмбæлдысты кæрæдзиуыл æфсымæртæ, æрмæст иу искуы-иу хатт фыстой писмотæ.
«- Фæраз, Иван,ныртæккæ тынг зын у алкæмæн дæр,кæд нæ амонд уа ,уæд знаг æрцæудзæн саст. Сыздæхдзыстæм нæхимæ æмæ та фыццагау хъæлдзæгæй æрвитдзы стæм нæ цард,» — афтæ фыстой Барис æмæ Зелимхан сæ кæстæр æфсымæрмæ. Фæлæ хæст цард æмæ мæлæты ‘хсæн хъæбысхæст у. Алкæйы йæ амонд иу хуызæн нæ ахæссы. Æфсымæрты хистæр Барис суанг Берлинмæ фæцыд знаджы дæрæнгæнгæ.Цыппар ордены æмæ бирæ майдантимæ уæлахиздзауæй 1946 азы сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ.
Бынтон æндæр рауадис сæ хъысмæт иннæ дыууæ æфсымæрæн. 1943 азæй фæстæмæ нал райстой писмотæ кæрæдзийæ. Сæ царды бонты æнусмæ кæрæдзийæ фæхицæн сты. Фæмард Райгуырæн бæсты охыл Зелимхан.
Æмæ мæнæ ныр хæсты фæуынæй дæс æмæ дыууиссæдз азæй фылдæр куы рацыд уæд Зелимхан æмæ Иван сæмбæлдысты кæрæдзиуыл. Фæлæ сæ удтæ нæ, æрмæстдæр сæ мыггæгтæ æмæ нæмттæ кæрæдзийы фарсмæ. «Номарæн чиныджы» фæрсæй–фæрстæм фыстæй.
— Иван, куыд рауадис дæ хæстон фæндаг, куыд бахаудтæ чиныджы хæсты чи фæмард, уыцы номхыгъдмæ?
Суанг йæ райдианæй йæ фæуынмæ фæхæцыд фыдызнаджы ныхмæ Иван. Хорз бахъуыды кодта Смоленскы горæты бынмæ хæстытæ. Фашисттæ сарæзтой карз ныббырст. Уый бæрц æфсæдтæ æмæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрдтой, æмæ зæххы алы метр дæр æхст цыд автоматæй, пулеметæй. Уæддæр дзы советон салдæттæ фæзуат æрцахстой æмæ йыл бæстон æрбынат кодтой. Бомбæтæн,минæтæн сæ бон нæ бацы махонты басæттын.
Уый нæ, фæлæ ма сæ тыхтæ баиу кодтой æмæ размæ атындзыдтой .Знаг лидзын райдыдта.Фæлæ ма- иу хатгай æнæнхъæлæджы ныккалдтой мах æфсæддонтыл.
Дыккаг бон та ногæй фæзындысты знаджы танктæ,фистæгæфсæддонтæ, кæд сыл егъау зиантæ цыдис, уæддæр лæгæрстой размæ.
Уæззау зиантæ æрцыд уыцы бон мах бæрзондхъахъхъæнджытыл. Бирæтæн дзы бахуыс-сыд сæ зынг. Бирæтæ фесты уæззау цæфтæ,контузитæ. Хæст йæ тæккæ тынгыл куы уыдис, уæд Таболы фыртæн уæззау цæф фæцис йæ галиу къах. Цалдæр боны фæстæ йын дохтыртæ йæ къахæй систой цыппар сантиметры дæргъæн æфсæйнаджы схъис.
Фæдзæбæх Иван æмæ та дарддæр тох кодта знæгтимæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдис Ленинград хъахъхъæнджыты сгуыхтдзи над. Куыд сæдæгай горæттæ æмæ хъæутæ, афтæ Ленинград дæр уыдис знаджы цæхæры, бахауд æвирхъауы блокадæйы. Адæм уыдысты æххормаг, нал уыд артаг, дон, рухс. Лæмæгъ, æххормаг адæм мардысты мингæйттæй. Бирæ хæдзæртты цæрджытæ æххормагæй мардысты æнæхъæн бинонтæй.
«- Не скълæдтæ куы басыгъдысты уæд зæххыл ныппырх ис сæкæр, — дзырдта баба. Уыцы рæтты зæххимæ чи сызмæстис, уыцы бынæттæй æххормаг адæм æмбырд кодтой зæхх хæрынæн.» Ардæм йæ фыццаг бонты æппæрст æрцыдис Иван кæм хæцыдис, уыцы 657-æм æхсæг полкъ.
Æхсарджын зенитчик Таболы–фырт йе ’мбæлттимæ арвæй иугай-дыгай æппæрстой фашистон хæдтæхджыты. Не ’фсæддонтæ лæууыдысты æфсæн фидарау. Ленинграды блокадæйы заман цъаммар знæгты æгъатырæй кæй дæрæн кодта, уый тыххæй Таболты Иванæн радтой Сырх Стъалыйы орден.
Чысыл фæстæдæр Табол-фырты снысан кодтой ацы полчъы сгарджыты хайадæн командирæй. Полчъы командыгæнæн штабы кусджытæн иу æмæ дыууæ хатты нæ феххуыс кодтой хайады æфсæддонтæ цы «æвзæгтæ» æрбакодтой , уыдон.
Иуахæмы æфсæддон хаййæдтимæ бастдзинад нал уыд. Иу иннæйы фæдыл æрвыст цыдысты бастдзинад саразынмæ, фæлæ дзы чи цæф фæци, чи та мард, нал иу æрбаздæхтысты. Уæд инæлар фæдзырдта Таболы-фыртмæ. Бардзырд ын радта, цæмæй бастдзинад арæзт æрцæуа.
Иван æмæ йе ’мбæлттæ кæм астæумæ доны, кæм та куырмæджыты сæ алыварс нæмгуытæ ихуарæгау кодтой, афтæмæй бардзырд æххæстгонд æрцыд.
Фæлæ хæст хæст у. Фæстæмæ здæхгæйæ иу ран знаджы разветкæ бафиппайдта сырхæфсæддонты æмæ сæ æхсын байдыдтой. Ногæй уæззæу цæф фæци Иван. Сармадзаны нæмыгæй дыккаг хатт ныппырх æрæджы йын чи фæдзхæбæх, уыцы къах. Æрмæст цалдæр боны фæстæ æрчъицыдта лазареты Иван. Йæ зонд йæхимæ куы ‘рцыд уæд фыццагдæр цæуыл ахъуыды кодта, уый – цы фесты йе ’мбæлттæ, кæй руаджы сæмбæлд Иван лазареты? Дзæвгар рæстæг фæхуыссыд ам Иван. Дыууæ хатты дохтыртæ ахъавыдысты рынчынæн йæ зæнг алыгкæныныл йе ‘нæниздзинад бынтон тæссаг у, зæгъгæ.
«- Æз цæхгæр ныллæуыдтæн, — дзырдта Иван, — нæ уагътон лыг кæнын мæ къах. Дохтыртимæ ма хыл кæнын дæр байдыдтон. Бирæ раныхас-баныхасы фæстæ хаст æрцыд уынаффæ: «Сержант Таболы-фыртæн йæ зæнг ма ’рцæуæд лыг». Иу операци, дыккаг. Иудадзыг æм хъус дардтой дохтыртæ. Иу хос иннæйы фæлвæрдта. Дыууа мæйæ фылдæр фæдарын кодтой зæнг гипсы. Фæстагмæ хъæдгæмттæ æгас кæнын райдыдтой.
Уыцы рæстæг командыгæнынадæй Црауы хъæумæ ссыдис сау хабар Таболты хæдзармæ: «Ленинград ссæрибар кæныны хæстыты хъæбатырæй фæмард уæ фырт, хистæр сержант Таболты Симоны фырт Иван. Сæрбæрзонд ут Иваны ныййарджытæ, йе мзæххонтæ, Иваны æмæ уый хуызæн гуырдтæй».
Фæлæ нæ амард Иван. Уый госпитæлы цыппар мæйы бæрц фæтох кодта низимæ. Нæ бакуымдта сæттын мæлæтæн. Куы сдзæбæх, уæд цыппар мæйы фæстæ Таболты Иван ногæй ссардта йæ полк. Таболы-фырты риуыл сæрттывта дыккаг хæрзиуæг-майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй». Суанг кæронмæ хъæбатырæй тох кодта Иван фыдгулты ныхмæ. Йæ сæрæй æппындæр нæ рох кодта нæ сырхæфсæддонтæ фыццаг бонты цы ард бахордтой, уый: «Нæ цард ратдзыстæм, фæлæ знаг нæ байсдзæн нæ уарзон Ленинград .» Æмæ намысджынæй сæххæст кодтой сæ ардбахæрд. Ленинград бафæрæзта знаджы æвирхъау цæфтæн нæ бакуымдта судзын тохы цæхæры.
Æмæ сæрыстыр уыд Иван, ам цы туджы зæйтæ æрцыд, уым уый туг дæр кæй ныккалд, фæлæ дзы уæлахиздзауæй кæй рацыд, уымæй. Хорз хъуыды когда Иван ам фыццаг сармадзанты уынæр куы райхъуыст — 1941 азы 27–æм сентябры бон. Хорз хъуыды котда 1944 азы 27 январы сæ уæлахизы кадæн. Невайы доны был 324 артиллерион снарядтæй салют куы ныннæрыди, уый дæр. Фæстæдæр Иван тох кодта Латвийы зæхх ссæрибар кæныныл. Уæд баба нысангонд æрцыдис 91 гвардион танкты подкæн командирæй.
Æрмæстдæр 1946 азы декабры сыздæхт фæллад, цалдæр хатты мардыл кæй банымадтой, уыцы æфсæддон Таболты Иван. Раивта йæ хæстон дарæс, бафæлдæхта дыстæ арф æмæ кусын райдыдта уæды колхоз «Раздзоджы» хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæныныл. Хъæубæсты активисттæ æмæ хæстæй чи сыздæхт, уыдоны æмбырд кодтой колхозы исбонæй ма цы чысыл муртæ баззад, уыдон.
Ногæй арæзтой фермæтæ, хъомлæууæнтæ, фосæн цæттæ кодтой холлаг, æфснайдтой хор. Зæрдиагæй хъомыладон куыст кодта фæсивæдимæ Иван. Дзырдта сын алы адæмы хæттыты æхсæн куыд фидар уыд хæстон хæлардзинад, сæ иумæйаг Райгуырæн бæстæйыл сагъæс сæ куыд амидин кодта знагимæ хъæбатыр тохмæ.
…Йæ кары бацыдис Иван. Бирæ бафæллой кæныны фæстæ ацыдис пенсимæ. Йæ зæрдæ рухс у йæ чысыл бинонты къордæй. Йæ бинойнаг, мызуйраг чызг Хъуппеты Заретæимæ фарнимæ æрвитынц сæ цард, цин кæнынц сæ цотыл æмæ сæ хъæбулты хъæбултыл.
Хæбæлаты Дзамболат
Отрывок из статьи «Таболты Иван»
газета «Заря»